2020 аз кæронмæ æрхæццæ. Уæззау азы сæрты ахыстыстæм, зындзинæдта федтам, фæлæ дзы бынат уыд зæрдиаг куыстæн дæр, ахсджиаг цаутæн, уæлдайдæр та социалон-экономикон къабазы. Уыимæ, æппæт къуыхцыты сæрты ахизгæйæ, Уæрæсейы Пенсион фонд не 'мбæстæгты раз йе 'ппæт хæстæ дæр афойнадыл æххæст кодта. Пенсион æфсисады системæ фæхъомысджындæр, пенсион лæггæдты хæрзхъæддзинад фæбæрзонддæр кæнын — уыцы нысантæ фыццаградон уыдзысты нæ фидæны архайды дæр.
Ног азы къæсæрыл æрлæугæйæ, Ирыстоны æппæт бинонтæн дæр мæ зæрдæ зæгъы сабыр, амондджын æмæ фæрныг цард.
Æнæниз æмæ æнтыстджын ут, мæ зынаргъ æмзæххонтæ!
Ног аз уын ног хорздзинæдтæ æрхæссæд!
Таболты Сергей,
Уæрæсейы Пенсион фонды Цæгат Ирыстоны хайады разамонæг