Зæрдиаг арфæ уын кæнын Ног азы фæдыл! Ногазон бæрæгбæттæ нæ алкæмæ дæр сæвзæрын кæнынц сабибонты æвæджиауы мысинæгтæ, хорзæрдæм ивддзинæдтыл ныфс, стæй бинонты æмæ хæстæджыты иудзинадæй амонды æнкъарæнтæ.
Кæронмæ чи фæхæццæ кæны, уыцы азы вазыгджын социалон-экономикон уавæры разæнгардæй куыстам. Хатдзæгтæ кæнгæйæ, зæгъæн ис, æмæ Пенсион фонд йе 'ппæт социалон хæстæ æнтыстджынæй æмæ афоныл баххæст кодта, кæд зындзинæдтæ æййафæм, уæддæр. Пенсион ифтонгады системæ фæхуыздæр кæныны æмæ адæмæн лæггæдты хæрзхъæддзинад фæнывыл кæныны фæдыл нæм æнхъæлмæ кæсы стыр куыст.
Уæлдай зæрдиагдæр арфæтæ кæнын нæ ветерантæн! Уæ хъæбатырдзинад æмæ фæразондзинад не 'ппæтæн дæр сты фæзминаг! Нæ сабыр царды тыххæй уын сæрæй ныллæг кувын! Нæ кадджын хистæртæ, бирæ азты дæргъы ма нын æнæнизæй цæрут!
Ирыстоны алы хæдзарæн дæр мæ зæрдæ зæгъы фæрныгад æмæ сабырдзинад!
Зындзинæдтæ ивгъуыд азы ныууадзæм, чи æрбахæццæ кæны, уыцы аз та нын ног æнтыстдзинæдтæ æрхæссæд, нæ бæллицтæ сæххæст уæнт!