Фыдыбæстæйы Стыр хæсты зынаргъ ветерантæ æмæ фæсчъылдымы фæллойгæнджытæ! Республикæйы æппæт цæрджытæ!
Цытджын Уæлахизы, нæ адæмы Намысы боны фæдыл уын арфæ кæнын!
9 Май у табуйаг бон, махæй алкæй зæрдæйы дæр цæрæг Райгуырæн бæстæйыл иузæрдиондзинады, Уæрæсейы бирæнацион адæмы иудзинады æмæ удварнон хъаруйы æвдисæн. Уæлахизы бон у алы уæрæсейаг бинонты бæрæгбон дæр.
Нæ зынаргъ ветерантæ! Знагæй Фыдыбæстæ бахъахъхъæнгæйæ, Уæлахизмæ хъæбатырдзинады фæндагыл цыдыстут. Знаджы ныхмæ хæцгæйæ, уæхи равдыстат ныфсхаст æфсæддонтæй, хæсты фæстæ зын заман та нæ райгуырæн бæстæ ногæй арæзтат. Куырыхондзинад æвдисгæйæ æмæ фæсивæды хъомылады архайгæйæ, сымах абон дæр республикæйы рæзтмæ аккаг æвæрæн хæссут. Уæ фæразондзинад æмæ хъæбатырдзинад алы фæлтæрты минæвæрттæн фæзминаг сты. Сымахæй сæрыстыр стæм, Цытджын Уæлахизы рухс мынæг кæнын кæй нæ уадзут, уый, уе 'нæмæлгæ сгуыхтдзинады, стæй сабыр царды амонды тыххæй уын — бузныг! Сымахæй кæддæриддæр хæсджын уыдзыстæм.
Сæрæй уын ныллæг кувгæйæ,
Таболты Сергей